23 Афтӕ куы бакӕнай, ӕмӕ уый Хуыцауӕн фӕндон куы уа — дӕхӕдӕг дӕр фидар лӕудзынӕ, адӕм дӕр разыйӕ сӕхимӕ здӕхдзысты».
Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.
Рахелӕн Йосеф куы райгуырд, уый фӕстӕ Йаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ гъеныр, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ фыды уӕзӕгмӕ, ацӕуон.
Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Ма рацу! Мах куы алидзӕм, уӕд уый нымады дӕр никӕмӕ уыдзӕн, не ’мбис куы амӕла, уӕд дӕр афтӕ; ды та, махӕй дӕс мины цы у, дӕхӕдӕг иунӕгӕй уый дӕ, ӕмӕ нын бахъуаджы сахат сахарӕй куы баххуыс кӕнис, уӕд нын уый хуыздӕр уаид».
Паддзах аба кодта Барзиллайӕн, Хуыцауыл ӕй бафӕдзӕхста, ӕмӕ уый йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Адӕм иууылдӕр Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызтысты. Ахызти паддзах дӕр
Фӕлӕ Церуайы фырт Авишай Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыди — филистимагыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Ды немӕ хӕстмӕ нал ацӕудзынӕ, цӕмӕй Израилы цырагъ ма ахуысса».
Хъусгӕ кӕнут: Дунедарӕг уын радта сабат, ӕмӕ уын уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг хӕринаг ӕрвиты. Ӕвдӕм бон-иу уӕ алчи йӕ хӕдзары бадӕд ӕмӕ макуыдӕм цӕуӕд».
Афтӕмӕй дӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тухӕнӕй амардзынӕ. Ӕгӕр уӕззау у дӕ хӕс, ӕмӕ иунӕгӕй ницы бакӕндзынӕ.
Уыдон ӕдзух уыдзысты адӕмимӕ ӕмӕ сын сӕ быцӕутӕ ӕвзардзысты, зындӕр хъуыддӕгтӕ дӕумӕ дӕтдзысты, хуымӕтӕгтӕ та сӕхӕдӕг лыг кӕндзысты. Афтӕмӕй дын дӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕндзысты, йе ’мбис ын уыдон хӕсдзысты.
Моисей байхъуыста йӕ каисы зондмӕ ӕмӕ, уый йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта.
Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ.
Уырдӕм ацӕуын мӕ кӕй хъӕуы, уый та мын раргом ис Хуыцауӕй, ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕгтӕн цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй. Хицӕнӕй ма ныхас кодтон номджын хистӕртимӕ, цӕмӕй сбӕлвырд уа, ӕз дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ кусын.
Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Сразы у семӕ, сӕвӕр сын паддзах». Ӕмӕ загъта Самуел израилӕгтӕн: «Алчидӕр уӕ йӕ сахармӕ ацӕуӕд».