Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 18:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 18:21
49 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».


Ӕртыккаг бон сын Йосеф загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ уын зӕгъын, удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд.


Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».


Давид, йемӕ чи уыди, уыцы адӕмы банымадта ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдта миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ.


Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,


Ӕз ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд дӕу, чи зоны, Дунедарӕджы Уд ахӕсса, кӕдӕм, уый нӕ зонын. Ӕмӕ Ахавӕн куы зӕгъон дӕу тыххӕй, ӕмӕ дӕ уый куы не ссара, уӕд мӕ амардзӕн. Ӕз та, дӕ цагъар, ме ’взонгӕй нырмӕ дӕр Хуыцауӕн аргъуыц кӕнын.


Ахав йӕ галуаны уагдар Овадиамӕ басидт. (Уый зӕрдиагӕй аргъуыц кодта Хуыцауӕн.


Ды та, Езра, хайджын кӕмӕй дӕ, дӕ Хуыцауы уыцы ӕнӕкӕрон зондмӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ равзар, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ цӕрджытӕй, дӕ Хуыцауы Ӕгъдау чи зоны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр тӕрхон куыд хӕссой, афтӕ; чи йӕ нӕ зоны, уыдонӕн та йӕ бацамонут.


Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной.


Ме ’фсымӕр Ханани ӕмӕ фидары хицау Хананиайы (Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм ӕууӕнкджын лӕджы) Йерусалимы сӕргъы сӕвӕрдтон.


Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.


Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фыд уыдтӕн, ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст равзӕрстон лӕмбынӕг.


Кӕд ӕз, сылгоймагӕй уа, нӕлгоймагӕй, мӕ хӕдзары кусджыты бартӕ ницӕмӕ дардтон ӕмӕ сын сӕ хъаст не ’взӕрстон,


Давиды зарӕг. Хъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ!


Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.


Моисей Йешуайӕн загъта: «Равзар, амалекӕгты ныхмӕ кӕимӕ ралӕууай, ахӕм лӕгтӕ. Ӕз та райсом, Хуыцауы лӕдзӕг мӕ къухы, афтӕмӕй къуыбырыл ӕрлӕудзынӕн».


Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс.


Бӕстӕ змӕст куы уа, уӕд ын хицӕуттӕ бирӕ уыдзӕн, фӕлӕ зондджын ӕмӕ бирӕзонаг хицауимӕ нӕ фӕцуддзӕн.


Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.


уӕд ӕрфидар уыдзӕн паддзахдзинад, ӕмӕ паддзахы бадӕныл, Давиды цатыры, ӕрбаддзӕни рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, рӕстдзинадыл хӕцӕг.


Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.


Рӕстдзинады сӕрыл чи сдзура, йӕ фарс чи рахӕца, иу ахӕм сӕм нӕ разынд. Сӕ зӕрдӕ дарынц сӕ ницӕйаг, сӕ мӕнг ныхӕстыл. Сӕхи хъарынц фыдбылызтӕ, бӕллӕхтӕ аразыныл.


«Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн!


пайда райсыны охыл ӕфстау чи нӕ ратты, фӕлывд ми бакӕнынӕй йӕхи чи хизы ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн раст тӕрхон чи хӕссы,


Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


«Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ дзырдта: раст тӕрхон кӕнут, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут;


Мӕнӕ уын, цы хъуамӕ кӕнат, уыдӕттӕ: уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут рӕстдзинад; тӕрхондоны тырнут рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ;


Уыдон — дзыллӕйы нымаддӕртӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, мингай израилӕгты фӕтӕгтӕ».


Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ.


сӕ иуы уастмӕ та хъуамӕ ӕрбамбырд уой ӕрмӕстдӕр фӕтӕгтӕ, Израилы мингӕйтты раздзӕуджытӕ.


«Иу сахары уыди, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй чи не ’фсӕрмы кодта, иу ахӕм тӕрхонгӕнӕг.


Тӕрхонгӕнӕг ӕм цасдӕр рӕстӕг ницы йӕ хъус дардта, фӕлӕ ӕппынфӕстаг йӕхицӕн загъта: „Ӕз нӕдӕр Хуыцауӕй тӕрсын, нӕдӕр адӕмӕй ӕфсӕрмы кӕнын.


Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл,


Ӕмӕ сахары хистӕртӕ бафхӕрӕнт уыцы лӕджы.


ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,


Йемӕ ацыди дӕс фӕтӕджы, Израилы хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕ, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — иу.


Иуты йе ’фсады минонтӕ ӕмӕ фӕндзайонты хицӕуттӕй сӕвӕрдзӕн, иннӕтӕ йын кӕндзысты хуым ӕмӕ йын ӕфснайдзысты йӕ тыллӕг, аннӕтӕ та йын араздзысты хотыхтӕ ӕмӕ ифтонг кӕндзысты тохуӕрдӕттӕ.


Фӕлӕ уыдон сӕ фыды фӕндагыл нӕ цыдысты: мулкӕй нӕ зыдтой ӕфсис, истой гӕртам, кодтой галиу тӕрхон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ