Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 18:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йе ’гъдӕуттыл, амон сын, цавӕр фӕндӕгтыл цӕугӕ сын у ӕмӕ сын цавӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмбӕлы, уыдӕттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 18:20
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.


Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.


Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».


Уӕ фӕндагыл галиуӕрдӕм кӕнӕ рахизӕрдӕм куы здӕхат, уӕд уӕ фӕсчъылдымӕй фехъусдзыстут: «Мӕнӕ ацы фӕндагыл ацӕут!»


Уадз ӕмӕ нын Дунедарӕг бацамона, цавӕр фӕндаг равзарӕм ӕмӕ нын цы гӕнгӕ у, уый».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.


Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.


Уыцы рӕстӕджы уын ӕз, кӕнын уын цы ӕмбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бацамыдтон.


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут.


Ды хӕстӕг бацу ӕмӕ хъус, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый фӕстӕ нын радзурдзынӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цыдӕриддӕр зӕгъа, ӕппӕт уыдӕттӕ, мах та сӕм хъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм“.


Уӕдӕ ӕххӕст кӕнут, ӕз уын ныртӕккӕ цы фӕдзӕхстытӕ, ӕгъдау ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ хъусын кӕнын, уыдон.


Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.


Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ