19 Ӕрбайхъус-ма мӕ уынаффӕмӕ, ӕмӕ дын Хуыцау баххуыс кӕнӕд! Ды хъуамӕ лӕууай адӕмӕй Хуыцауы ’хсӕн ӕмӕ Хуыцауы тӕрхонмӕ хӕссай адӕмы хъуыддӕгтӕ.
Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ Йосеф алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Царди йӕ мысыраг хицауы хӕдзары.
Дӕ цагъар йӕхицӕн хъуыдытӕ кодта: „Ныфсы хос мын фестӕд мӕ бардарӕджы, мӕ паддзахы ныхас, уымӕн ӕмӕ мӕ бардарӕг, паддзах, Хуыцауы зӕды хуызӕн у — равзардзӕни ӕвзӕр дӕр ӕмӕ хорз дӕр“. Демӕ уӕд кӕддӕриддӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
Моисей дзуапп радта йӕ каисӕн: «Адӕм мӕм ӕрбацӕуынц, цӕмӕй сын фӕрсон Хуыцауы.
Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йе ’гъдӕуттыл, амон сын, цавӕр фӕндӕгтыл цӕугӕ сын у ӕмӕ сын цавӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмбӕлы, уыдӕттӕ.
Моисей байхъуыста йӕ каисы зондмӕ ӕмӕ, уый йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта.
Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм».
Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».
Цу уӕдӕ! Ӕз демӕ уыдзынӕн, куы дзурай, уӕд. Цы зӕгъын хъӕуы, уый дын Ӕз Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн».
Дӕ бӕсты Аарон дзурдзӕн адӕмимӕ ӕмӕ сӕм хӕццӕ кӕндзӕн дӕ ныхӕстӕ, ды та йын Хуыцауы хуызӕн уыдзынӕ.
Куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн, раст адӕймаджы сахуыр кӕн, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн.
Ӕмӕ сын Моисей сӕ хъуыддаг Дунедарӕджы раз бавдыста.
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!
Уыцы рӕстӕг ӕз та Дунедарӕгӕй сымах ӕхсӕн лӕууыдтӕн, цӕмӕй уын Дунедарӕджы ныхӕстӕ дзурон, уымӕн ӕмӕ сымах, артӕй тӕрсгӕйӕ, хохы сӕрмӕ ссӕуын нӕ уӕндыдыстут. Уый загъта:
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».