Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 17:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 17:6
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.


Ӕмӕ сӕ радта ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм, фыдгултӕ сын хицӕуттӕ систы.


Ды мын мӕ уд бахызтай мӕлӕтӕй, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгӕй, мӕ къӕхтӕ — фӕкӕлынӕй!


Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.


фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».


Ды та дӕ лӕдзӕгӕй денджызмӕ ацамон, дон фӕйнӕрдӕм акӕлдзӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл цӕуӕгау ацӕудзысты.


Аарон уыцы ныхас израилӕгтӕн куы рафӕзмыдта, уӕд адӕм се ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтой — ӕмӕ дын сӕм ӕврагъӕй куы разынид Дунедарӕджы кад.


Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!


«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».


Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».


Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».


Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.


Хоревӕй Сеиры хӕхтӕм фӕндагыл Кадеш-Барнеайы ’рдӕм иуӕндӕс бонцауы ӕддӕдӕр,


Уый уӕ ракодта, цӕст кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм тасӕфтауӕг ӕдзӕрӕг быдырыл, хус ӕмӕ ӕнӕдон зӕххыл, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ уырынгонты ӕхсӕнты, айнӕг къӕдзӕхы риуӕй уын дон рауагъта.


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ