14 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».
Саул фӕмард ис. Давид амалекӕгты ныддӕрӕн кодта ӕмӕ дыууӕ боны Циклагы баззади.
Уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ист ӕрцыдысты едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Цовайы паддзах Адад-Езерӕй, Реховы фыртӕй.
Адонӕй, Симеоны байзӕддӕгтӕй, Сеиры хӕхбӕстӕм ацыди фондзсӕдӕ лӕджы, сӕ сӕргъы Ишийы фырттӕ Пелатиа, Неари, Рефайа ӕмӕ Уззиел, афтӕмӕй.
Адон ныццагътой, амалекӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ ныр дӕр ма цӕрынц уым.
Ӕмӕ ма уыдӕтты фӕстӕ, ау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй халдзыстӕм ӕмӕ уыцы ӕлгъаг адӕмтимӕ хӕстӕгиуӕг кӕндзыстӕм? Ӕмӕ нӕм уӕд бындзагъд ныккӕныны онг не смӕсты уыдзынӕ, аирвӕзӕг дӕр нӕ куыннӕуал уа ӕмӕ нын аирвӕзӕн дӕр куыннӕуал уа, афтӕ?
Зӕххыл йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, уынгты йын йӕ ном дӕр ничиуал хъуыды кӕндзӕн.
Тӕхуды, мӕ ныхӕстӕ мын чиныджы ныффысс,
Дӕ азар баййӕфта адӕмты, фыдгӕнджыты ныццагътай, мыггагмӕ сын сӕ кой дӕр фесӕфтай.
Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.
ӕмӕ Йешуа фӕуӕлахиз Амалекыл, йӕ адӕмы йын кардӕй фӕцагъта.
Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз Мӕ Чиныгӕй фесафдзынӕн, Мӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи ракӕна, уыдоны.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ ныффысс. Уыдон сты, демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ цы фидыд аразын, уый домӕнтӕ».
Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты, тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.
«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цыдӕриддӕр дын фехъусын кодтон, уыдон тухгӕ чиныджы ныффыс.
«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.
Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».
Моисей ӕрфыста, Дунедарӕджы ныхасӕй-иу рӕсӕнуатӕй кӕм фенкъуыстысты ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл дарддӕр цы рӕттӕй ацыдысты, уыдон.
Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.
уӕд сын дзуапп дӕтдзыстут: „Дунедарӕджы Фидыды Чырын Иорданыл куы фӕцӕйхызт, уӕд дон йӕ разы уӕлӕрдыгӕй ауӕзтау ӕрлӕууыд. Уыйадыл ацы дуртӕ израилӕгтӕн сты ӕнустӕм зӕрдылдарӕн“».
Стӕй дӕ Дунедарӕг арвыста ӕмӕ дын загъта: „Ацу ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтимӕ, амалекӕгтимӕ, схӕц, цалынмӕ сӕ — Мӕнӕн нывонды охыл — ныццӕгъдай, уӕдмӕ“.
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕртыккаг бон Циклагмӕ бахӕццӕ сты. Уӕдмӕ амалекӕгтӕ бабырстой Негев ӕмӕ Циклагмӕ. Басастой Циклаг ӕмӕ йыл арт бафтыдтой,
Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.