13 ӕмӕ Йешуа фӕуӕлахиз Амалекыл, йӕ адӕмы йын кардӕй фӕцагъта.
Фӕлӕ Моисейы къухтӕ куы ӕруӕззау сты, уӕд ын дур ӕрбахастой. Моисей дурыл ӕрбадт, Аарон ӕмӕ йын Хур та дыууӕрдыгӕй хӕрдмӕ хӕцыдысты йӕ къухтыл. Хурныгуылдмӕ йын сӕ дӕлӕмӕ не ’руагътой,
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.
Тӕккӕ уыцы бон Йешуа бацахста Македа ӕмӕ йын йӕ адӕмы ӕд паддзах кардӕй ныццагъта. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон Дунедарӕджы номыл бабын кодта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. Йерихоны паддзахы хал ахӕрын кодта Македайы паддзахӕн дӕр.
Ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгты къухтӕм радта Лахиш, дыккаг бон ӕй бацахста Йешуа. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны дӕр, раст Ливнӕйы хуызӕн, карды амӕттаг бакодта.
ӕмӕ йӕ бацахстой. Йӕ адӕмы ӕмӕ йын йӕ паддзахы, стӕй йӕ алыварс сахарты цӕрджыты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Еглоны хуызӕн Хевроны цӕрджытӕй дӕр аирвӕзыны фадат никӕмӕн радта Йешуа. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодта.
Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл.
Афтӕмӕй Йешуа басаста уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхты дӕр, сӕ сахартӕ сын бацахста ӕмӕ сын сӕ адӕмы ныццагъта. Дунедарӕджы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ бабын кодта Дунедарӕджы номыл.
Цалынмӕ сӕ Дунедарӕджы номыл бынтондӕр нӕ бабын кодта, уӕдмӕ Гайы ’рдӕм амыдта Йешуа йе ’хсаргардӕй.