33 Моисей Ааронӕн загъта: «Райс дурын, ныккӕн дзы маннӕйы иу омер ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы раз, цӕмӕй уе ’ппӕт фӕлтӕртӕн дӕр уым ӕфснайдӕй лӕууа».
Моисей загъта: «Дунедарӕг бафӕдзӕхста, цӕмӕй маннӕйы иу омер бафснайат мыггагмӕ, ӕмӕ фыдӕй-фыртмӕ алчидӕр уына, Мысырӕй ракӕнгӕйӕ уӕ ӕдзӕрӕг быдыры Дунедарӕг цы дзулӕй хаста, уый».
Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.