30 Ӕмӕ ӕвдӕм бон адӕм сӕ фӕллад уагътой.
Хъусгӕ кӕнут: Дунедарӕг уын радта сабат, ӕмӕ уын уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг хӕринаг ӕрвиты. Ӕвдӕм бон-иу уӕ алчи йӕ хӕдзары бадӕд ӕмӕ макуыдӕм цӕуӕд».
Израилы адӕм уыцы хойраг схуыдтой маннӕ. Уыди хъонтхорайы нӕмыджы хуызӕн, урс, мыдамӕстыты ад кодта.
Ӕхсӕз боны кусут, ӕвдӕм бон та ӕнцойбон у — сабат, уыцы бон-иу уазӕмбырд скӕнут. Мацы-иу бакусут, кӕмфӕнды куы цӕрат, уӕд дӕр: уый Дунедарӕджы сабат у.
Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фӕлладуадзӕн сабат нырма ӕрцӕуинаг у.