Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 16:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Хъусгӕ кӕнут: Дунедарӕг уын радта сабат, ӕмӕ уын уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг хӕринаг ӕрвиты. Ӕвдӕм бон-иу уӕ алчи йӕ хӕдзары бадӕд ӕмӕ макуыдӕм цӕуӕд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 16:29
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды сын бафӕдзӕхстай Дӕ уаз сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сын Дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты фехъусын кодтай Дӕ фӕдзӕхстытӕ, Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Де ’гъдӕуттӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Кӕдмӕ уӕхи тигъ кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтыл?


Ӕмӕ ӕвдӕм бон адӕм сӕ фӕллад уагътой.


«Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Мӕ сабат Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нысан у, цӕмӕй уӕ зӕрдыл дарат, Ӕз — Дунедарӕг — сымахӕй Мӕхицӕн уаз адӕм кӕй скодтон, уый.


Бафӕдзӕхстон сын Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, Мӕн ӕмӕ уыдоны ӕхсӕн фидыды нысанӕн. Уадз ӕмӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уыдоны Чи срухс кӕны, Уый.


Ӕз уын ӕхсӕзӕм аз раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕртӕ азы бӕркад ратдзӕн.


Кувут, цӕмӕй уӕ лидзын зымӕгон кӕнӕ сабатбон ма бахъӕуа.


Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ