Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 16:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Кӕдмӕ уӕхи тигъ кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтыл?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 16:28
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ адон сӕ фыдӕлтау систы хиваст. Нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, сӕ зӕрдӕ Йыл нӕ дардтой.


Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.


Фӕлӕ сӕ тыхсты заман Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыдбылызӕй фервӕзын кодта.


Иннӕ адӕмтӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурой, уӕдӕ кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ? Дӕ цагъарты туг кӕй райстай, уый, уадз, адӕмтыл айхъуыса ӕмӕ мах уый нӕхи цӕстӕй фенӕм!


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма Мын нӕ уисӕн кӕндзынӕ? Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.


Адӕмӕй чидӕртӕ ӕвдӕм бон дӕр ацыдысты уидзынмӕ, фӕлӕ ницы ссардтой.


Хъусгӕ кӕнут: Дунедарӕг уын радта сабат, ӕмӕ уын уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг хӕринаг ӕрвиты. Ӕвдӕм бон-иу уӕ алчи йӕ хӕдзары бадӕд ӕмӕ макуыдӕм цӕуӕд».


Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут?


Ефремонты сӕйраг сахар — Самари, Самарийы сӕргъы — Ремалийы фырт. Сӕ уырнындзинад фидар куы нӕ уа, уӕд сӕ быныхъӕр айхъуысдзӕн“».


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг.


Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.


Уымӕн ӕмӕ Мын суӕлӕхох сты Мӕ амындтытыл, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ се ’ргом гуымирыты ’рдӕм сарӕзтой.


Фӕлӕ уый, Мӕ амындтыты ныхмӕ рацӕугӕйӕ, муртаттӕгтӕй ӕмӕ, йӕ алыварс цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй фыддӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ се ’ргом аздӕхтой Мӕ амындтытӕй, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кӕнынц».


ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Кӕдмӕ Мӕ мӕсты кӕндзысты ацы адӕм? Цы диссӕгтӕ сын равдыстон, уыдон сын фаг не сты, цӕмӕй Мыл баууӕндой?


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут».


Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ