Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 16:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстой. Чидӕртӕ дзы ныууагътой райсоммӕ, ӕмӕ сын скӕлм ӕмӕ сысмаг ис, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Моисей смӕсты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 16:20
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Моисей сын загъта: «Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут».


Алы райсом алчидӕр уыгъта йӕ бинонты фаг. Зӕххыл ма-иу цы баззад, уый та-иу фӕстӕдӕр хуры хъарммӕ атад.


Ӕмӕ сын Моисей куыд загъта, афтӕ, сӕ хӕринагӕй ма цы баззад, уымӕй дыккаг бонмӕ ныууагътой, ӕмӕ сын нӕ сысмаг ис ӕмӕ не скӕлм ис.


Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг та зӕххыл нӕ уыд.


Моисей тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта Дунедарӕгӕн: «Ма сын баввӕрс сӕ хуынтыл. Ӕз сӕ хӕрӕг дӕр куы никӕмӕй райстон, иуӕн дӕр дзы ӕвзӕрӕй куы ницы ракодтон!»


Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ ма ӕмбырд кӕнут — ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, хуыснӕджытӕ сӕм баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц.


Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.


Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.


Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».


Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ мӕгуыртӕн феххуыс кӕнут. Уӕхицӕн, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ саразут; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты — уырдӕм сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕздзӕн ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ бахӕрдзӕн.


«Уӕ масты фӕдыл ма цӕут ӕмӕ уӕхимӕ тӕригъӕд ма исут»: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ;


Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ