Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 16:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Израилӕгтӕ йӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа, цымӕ?» Ницы йын зыдтой. Моисей сын загъта: «Уый дзул у, Дунедарӕг уын ӕй хӕрынӕн дӕтты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 16:15
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.


Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.


Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Йӕ адӕммӕ, ӕлгъ кӕнын райдыдта Йӕ исбоныл.


Израилы адӕм уыцы хойраг схуыдтой маннӕ. Уыди хъонтхорайы нӕмыджы хуызӕн, урс, мыдамӕстыты ад кодта.


Моисей Ааронӕн загъта: «Райс дурын, ныккӕн дзы маннӕйы иу омер ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы раз, цӕмӕй уе ’ппӕт фӕлтӕртӕн дӕр уым ӕфснайдӕй лӕууа».


Ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дзул уын ӕруарын кӕндзынӕн арвӕй. Адӕм-иу алы бон дӕр рацӕуӕнт ӕмӕ-иу сӕхицӕн бонваг ӕруидзӕнт. Ӕз та сӕ бафӕлвардзынӕн, кӕддӕра Мын Ме ’Гъдау куыд ӕххӕст кӕнынц.


«Рацӕут, мӕ минасӕй мын бахӕрут, бануазут, хъацӕнтӕ цы сӕныл ӕркодтон, уымӕй!


Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй».


Ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы агурынц муртаттӕгтӕ, сымахӕн та уӕ Фыд Йӕхӕдӕг зоны, цы уӕ хъӕуы, уый.


Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ хордтой ӕмӕ уӕддӕр амардысты.


Ахӕм у уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ ӕмӕ уӕддӕр амардысты; ацы дзул та ахӕм нӕу — чи дзы хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ».


Се ’ппӕт дӕр хордтой уыциу монон хойраг.


Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.


Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


Ацы зӕххы хойрагӕй куы фӕхъӕстӕ сты, уӕд, Куадзӕны фӕстӕ цы бон ралӕууыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уӕларвӕй маннӕ нал хауди. Израилӕгтӕ уыцы азӕй фӕстӕмӕ маннӕйы бӕсты хордтой ханаанаг зӕххы бӕркад.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ