Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 15:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 15:26
42 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый Мын, Мӕ цагъар Давидау, куы аразай, Мӕ фӕдыл куы цӕуай, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттыл дӕхи куынӕ тигъ кӕнай ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дыл ауддзынӕн. Давидау дӕуӕн дӕр дӕ паддзахы хӕдзарвӕндаг сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, Израил дын бакӕндзынӕн дӕ къухы.


ӕмӕ Елисей донгуырӕнмӕ ссыд, цӕхх доны ныккалдта ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ацы дон сӕнӕниз кодтон, ӕмӕ уый аххосӕй уӕ зӕххыл нал мӕлгӕ кӕндзысты, налдӕр ӕнӕзӕнӕг уыдзысты“».


Иосиа кодта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, йӕхи дзы нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здахгӕйӕ.


Уый цӕвгӕ дӕр Йӕхӕдӕг ныккӕны, ӕмӕ цӕфтӕ дӕр Йӕхӕдӕг бабӕтты, ныццӕвӕг дӕр ӕмӕ сдзӕбӕхгӕнӕг дӕр Уый Йӕхӕдӕг у.


дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.


Дӕ арӕнтыл дын фарн тауы, ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй дӕ ӕфсады.


Дунедарӕг ӕмбисӕхсӕв ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: цагъды фесты, паддзахы бадӕны чи бады, уыцы фараоны хистӕр фырт дӕр, ахӕстоны чи бады, уыцы уацайраджы хистӕр фырт дӕр, фосы фыццаг нӕл зӕйц дӕр.


Куы Мӕм хъусат ӕмӕ, Мемӕ цы фидыд сарӕзтат, уый куынӕ фехалат, уӕд ӕппӕт адӕмты ’хсӕн сымах уыдзыстут Мӕ зынаргъ исбон. Зӕхх иууылдӕр Мӕн у,


ӕмӕ Мын сымах уыдзыстут сауджынты паддзахад, уаз адӕм“. Фӕхӕццӕ кӕн ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕм».


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.


Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ.


Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.


Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон. Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн. Цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн, ныфс сӕ бауадздзынӕн.


Уӕ фыдӕлты уын Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ сын ӕдзухдӕр фӕдзӕхстон: ‚Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут‘.


Куы Мӕм байхъусат, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сабаты ацы сахары кулдуӕртты уылты куы ницы хӕссат, сабат уын уаз куы уа ӕмӕ уыцы бон ӕппындӕр куы ницы кусат, уӕд, Давиды бадӕны цы паддзӕхтӕ сбадынц, уыдон, уӕздӕттӕ, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕ бӕхтӕ ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл кӕддӕриддӕр ацы сахары кулдуӕртты уылты цӕудзысты, сахар та лӕудзӕни мыггагмӕ.


Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».


Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.


Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“.


Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»


Рӕстгӕнӕг чи у, йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ раст кӕмӕн сты,


Ӕз къахӕй цӕуын сахуыр кодтон Ефремы, Мӕ къухтыл ӕй хастон, уый та ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, Ӕз ӕй кӕй дзӕбӕх кӕнын, уый.


Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.


Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе ’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнувыдӕй куы ӕххӕст кӕнат,


Ӕмӕ сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ: «О Хуыцау, курын Дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн!»


Ма йӕ бахӕр ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон уыдзысты.


Лӕмбынӕг ӕрбайхъус ӕмӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕн, кӕй дын фӕдзӕхсын, ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр ӕнӕмаст уой, Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхцон ӕмӕ фӕндон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.


Афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куы хъусай, абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.


Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.


Ацы чиныг цы Ӕгъдауыл дзуры, уый бӕстон куынӕ ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, куынӕ тӕрсат,


Ӕмризӕджы кӕмӕй ризут, уыцы мысыраг низтӕ уыл ныххӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ уын сӕ фервӕзӕн нӕ уыдзӕн.


Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!


Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут.


Бахиздзӕн уӕ Дунедарӕг алы низӕй, Мысыры уе ’нӕзонгӕ чи нӕ уыд, ӕппӕт уыцы низтӕ сымахыл нӕ, фӕлӕ уӕ чи нӕ уарзы, уыдоныл бафтаудзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ