Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 15:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Моисей скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый бацамыдта бӕласмӕ. Моисей дзы иу лыггаг доны ныппӕрста, ӕмӕ дон хӕрзад фестад. Уыцы ран Дунедарӕг израилӕгтӕн сфидар кодта фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ фӕлвӕрдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 15:25
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ Елисей донгуырӕнмӕ ссыд, цӕхх доны ныккалдта ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ацы дон сӕнӕниз кодтон, ӕмӕ уый аххосӕй уӕ зӕххыл нал мӕлгӕ кӕндзысты, налдӕр ӕнӕзӕнӕг уыдзысты“».


Елисей загъта: «Ӕриут-ма мын ссад!» Аджы йӕ ныккодта ӕмӕ Гиезийӕн загъта: «Адӕмӕн хъӕрмхуыпп ӕркӕн ӕмӕ бахӕрой!» Афтӕ схорз ис сӕ хӕринаг.


Елисей йӕ бафарста: «Кӕцы ран ныххаудта?» Уый йын ӕй бацамыдта, ӕмӕ уӕд Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг суджы лыггаг ракодта, уырдӕм ӕй баппӕрста, ӕмӕ фӕрӕт доны сӕрыл абадтис.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Фараоны куы суыдтой израилӕгтӕ, уӕд бамбӕрстой, мысырӕгтӕ сӕ ӕрбасурынц, уый. Тынг старстысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой.


Ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дзул уын ӕруарын кӕндзынӕн арвӕй. Адӕм-иу алы бон дӕр рацӕуӕнт ӕмӕ-иу сӕхицӕн бонваг ӕруидзӕнт. Ӕз та сӕ бафӕлвардзынӕн, кӕддӕра Мын Ме ’Гъдау куыд ӕххӕст кӕнынц.


Моисей сдзынӕзта Дунедарӕгмӕ: «Цы гӕнгӕ мын у ацы адӕмӕн? Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ мӕ дурты бын фӕкӕной!»


Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут. Хуыцау ӕрцыди уӕ бафӕлварынмӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы тас уа ӕмӕ тӕригъӕды ма цӕуат».


Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз сӕ стайын кӕндзынӕн, бафӕлвардзынӕн сӕ! Уӕдӕ ӕндӕр Мӕ адӕмӕн цы бакӕнон?


Сурмӕ куы рахызтӕн, уӕд цӕугӕдоны былгӕрӕтты, дыууӕрдыгӕй дӕр, ӕз федтон бирӕ бӕлӕстӕ.


Уыцы лӕг мын загъта: «Ацы дон цӕуы скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы дӕлвӕзы онг, уым бакӕлдзӕни денджызмӕ ӕмӕ денджызы дон суыдзӕнис ӕнӕнизгӕнӕг.


Дзуары фӕдыл уазныхас кӕнын сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ ӕдылыдзинадыл нымайынц, фӕлӕ махӕн, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, уый Хуыцауы тых у.


уӕд уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕгмӕ ма хъус — уый уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕлваргӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзут ӕви нӕ, уый базонынӕн.


Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Уыцы адӕмтӕ хъуыдысты Израилы бафӕлварынӕн — сӕ фыдӕлтау Дунедарӕджы фӕндагыл цӕудзысты ӕви нӕ, уый базонынӕн.


Ханааны ныхмӕ чи нӕ хӕцыд, уыцы израилӕгты бафӕлварынӕн Дунедарӕг ныууагъта мӕнӕ ацы адӕмты (уадзгӕ та сӕ уымӕн ныккодта, цӕмӕй, хӕсты чи нӕ архайдта, Израилы уыцы фӕлтӕртӕ хӕстон дӕсныйадыл сахуыр уой).


Уыцы адӕмтӕ хъуыдысты израилӕгты бафӕлварынӕн: Дунедарӕг Моисейы уылты кӕй бафӕдзӕхста, уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕви нӕ, уый базонынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ