23 Марамӕ куы бафтыдысты, уӕд уым уыди дон, фӕлӕ нуазынӕн нӕ бӕззыд, уымӕн ӕмӕ маст уыд. (Уымӕ гӕсгӕ схуындӕуыд ацы бынат Мара.)
Пи-Хахиротӕй рацыдысты ӕмӕ денджызы астӕуты ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахызтысты; ӕртӕ бонцауы фӕцыдысты Етамы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Марайы.
Наоми сын загъта: «Наоми мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Мара, уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс судзаггаг маст бавзарын кодта.