22 Сырх денджызӕй Моисей израилӕгты акодта Шуры ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Уым фӕцыдысты ӕртӕ боны ӕмӕ дон никуы ардтой.
Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд
Авраам уырдыгӕй араст ис Негевы зӕхмӕ ӕмӕ ӕрӕнцади Кадешӕй Шуры ’хсӕн. Иу заман царди Герары.
Йӕ байзӕддӕгтӕ цардысты, Мысыры ӕмарӕн Ассиримӕ фӕндагыл цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Шур, зӕгъгӕ, уый ӕмӕ Хавилайы ’хсӕн. Се ’рвадӕлтӕй никӕимӕ фидыдтой.
О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»
Израилы дзыллӕ Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй куы рацыдысты, уӕд Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ рӕсӕнуат кодтой куы иу, куы иннӕ ран, афтӕмӕй бахӕццӕ сты Рефидиммӕ. Адӕмӕн дзы дон бануазынӕн нӕ уыд,
Израилы адӕмы хистӕртӕ дӕм байхъусдзысты, ӕмӕ-иу семӕ бацу Мысыры паддзахмӕ ӕмӕ йын-иу зӕгъут: „Ӕргом нӕм рацыди Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау. Уӕдӕ нӕ ауадз, ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй уым нывонд ӕрхӕссӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.
Пи-Хахиротӕй рацыдысты ӕмӕ денджызы астӕуты ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахызтысты; ӕртӕ бонцауы фӕцыдысты Етамы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Марайы.
Саул амалекӕгты басаста, дӕрӕнгӕнгӕ сӕ йӕ разӕй айста Хавилайӕ суанг Мысыры ӕмарӕн Шуры онг.
Давид-иу йӕ адӕмимӕ стӕры ацыд, ӕмӕ-иу бабырстой гешурӕгтӕм, гирзӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм (уыдон цӕрынц Телаимӕй Шуры ӕдзӕрӕг быдыры онг, стӕй уырдыгӕй суанг Мысыры онг).