21 Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»
Ма йӕ ской кӕнут Гаты, ма йӕ ахъӕр кӕнут Ашкелоны уынгты, цӕмӕй филистимаг чызджытӕ ма бацин кӕной — ӕнӕсунӕтты чызджытӕ ма ферайой.
Давид, йӕ уӕлӕ сауджыны кӕттаг ефод, афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йӕ кафынӕй нал ӕнцад.
Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.
Раздӕры бонтыл, ивгъуыд азтыл сагъӕс кӕнын.
Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.
Уый фӕдӕлдон кодта фараоны тохуӕрдӕттӕ, йе ’фсад, Сырх денджызы амӕттаг ын бакодта йӕ разагъды хӕстонты —
Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ’хсӕнӕй цы 144 000 адӕймаджы балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыди.
ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!
Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!
Байхъусут, паддзӕхтӕ! Байхъусут, хицӕуттӕ! Ӕз Дунедарӕгӕн зардзынӕн! Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, стаудзынӕн!
Давид филистимаг богалы куы амардта ӕмӕ ӕфсӕдтимӕ куы раздӕхти, уӕд-иу Израилы алы сахарӕй дӕр паддзах Саулы размӕ, далатӕ ӕмӕ дзӕгъдзӕгъӕгтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй цины хъӕртимӕ сылгоймӕгтӕ ракалдысты. Кафыдысты ӕмӕ фыр цинӕй зарыдысты:
«Саул ныццагъта минтӕ, Давид та — дӕсгай минтӕ!»