17 Дунедарӕг, Ды ӕрцӕрын кӕндзынӕ уыдоны Дӕ хохыл! Дӕхицӕн цӕрӕн кӕм сарӕзтай, Бардарӕг, Дӕ къухӕй Уаз Цӕрӕн кӕм скодтай, уым!
Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, бынат скӕндзынӕн, уым сӕ ӕрбындурон кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты; ӕнаккӕгтӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау,
Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Йӕ хъус мӕм ӕрдардта, ӕмӕ Йын Ӕз ардзынӕн Йӕ ном, цалынмӕ удӕгас уон, уӕдмӕ.
«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».
Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.
науӕд мӕ йӕ уӕлныхты сисдзӕн ӕмӕ мӕ аныхъуырдзӕн, мӕ сӕрмӕ сӕхгӕндзӕн йӕ ком.
Хуыцаумӕ сидын, Хуыцаумӕ дзыназын, ӕмӕ мӕ фехъусдзӕни Уый.
Ӕз ын уайсахат йӕ фыдгулты басастаин, йе ’фхӕрджытыл ын Мӕ азар ныххуырстаин.
Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.
Уарзгӕйӕ хоныс Ды, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, кӕныс сӕ Дӕ хъомысджын къухӕй Дӕ уаз цӕрӕнмӕ.
Мӕ зӕды уын ӕрвитын уӕ разӕй, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна фӕндагыл ӕмӕ уӕ бахӕццӕ кӕна, цы бынат уын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм.
Израилӕгтӕ Мын саразӕнт Уаз Цӕрӕн, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрон.
Ныр цу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Мӕ разы чи фӕтӕригъӕдджын, уыдоны та, бафхӕрыны бон куы ралӕууа, уӕд бафхӕрдзынӕн».
Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала!
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы уацарӕй куы раздахон, уӕд Иудейы зӕххыл, йӕ сахарты ногӕй дзурдзысты: „О рӕстдзинады хӕдзар, о уаз хох! Дунедарӕг дын арфӕ ракӕнӕд!“
Мӕ хорзӕхтӕ сын цинимӕ дӕтдзынӕн, зӕрдиагӕй сӕ ацы зӕххыл байтаудзынӕн».
Ӕз семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд, ӕмӕ сын уый фарн ӕрхӕсдзӕни. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ астӕу мыггагмӕ сӕвӕрдзынӕн Мӕ Кувӕндон.
Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“».
Хохы сӕрмӕ хондзысты уыдон адӕмы, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ хӕсдзысты, уымӕн ӕмӕ фурды бӕрӕчет ӕмӕ змисы ӕмбӕхст хӕзнатӕй цӕрдзысты“.
Кӕд уӕ зӕххы хай фӕчъизи ис, уӕд рацӕут Дунедарӕджы зӕххы хаймӕ — Йӕ Уаз Цӕрӕн кӕм лӕууы, уырдӕм! Мах цур хай райсут уӕхицӕн, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ма цӕут ӕмӕ мах дӕр азымаг ма кӕнут, уӕхицӕн Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕнӕй уӕлдай ӕндӕр нывондхӕссӕн кӕй аразут, уымӕй.