Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 15:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 удаист фесты Едомы ӕлдӕрттӕ, асаст Моавы фӕтӕгтӕн сӕ ныфс, ханаанӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 15:15
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕнӕ Исавы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ. Исавы хистӕр фырт Елифазы байзӕддӕгтӕ: Теман, Омар, Цефо, Кеназ,


Корах, Гатам, Амалек. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ, Елифазы артӕй чи рацыди, уыдон — Адайы зӕнӕджы зӕнӕг.


Мӕнӕ, Исавы артӕй цы мыггӕгтӕ рацыди, уыдон, алчидӕр сӕ — ӕд бинонтӕ, ӕд цӕрӕнбынӕттӕ: Тимнайы мыггаг, Алвайы мыггаг, Йететы мыггаг,


Уӕд суанг фидарзӕрдӕ хъӕбатыртӕ дӕр фӕудаист уыдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилӕн дӕр зындгонд сты дӕ фыды ӕхсар ӕмӕ йӕ адӕмы хъӕбатырдзинад.


Мӕ хъус ӕрдардзынӕн фӕсномыг ныхасмӕ, хъисфӕндыры зӕлтӕм уыци-уыци райхалдзынӕн.


О Хуыцау, баххуыс мын кӕн! Мӕ улӕфӕнтӕм схӕццӕ ис дон.


Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн ӕрлӕмӕгъ уыдзысты сӕ цӕнгтӕ, алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс.


Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.


Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.


Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».


Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.


сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.


Ӕрӕнкъард сты Кушаны цӕрджыты цатыртӕ, ныррызтызты мидианӕгты хӕдзӕрттӕ.


Адӕмӕн бамбарын кӕн: Сеиры чи цӕры, уӕ уыцы ӕфсымӕрты, Исавы байзӕддаджы арӕнтыл уын цӕугӕ у. Уыдон уӕ тӕрсгӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕхи хизут


Зӕгъӕнт ма ноджыдӕр уагдартӕ хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы, йӕ зӕрдӕйы тас ис, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бацӕуа“.


Мемӕ сгарӕг чи ацыди, уыдон Израилы адӕмӕн сӕ ныфс асастой, ӕз та иузӕрдион уыдтӕн Дунедарӕгыл, мӕ Хуыцауыл.


Уыдӕттӕ куы фехъуыстам, уӕд тас бацыди нӕ зӕрдӕты ӕмӕ нӕ иумӕ дӕр уӕ ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс нал ис, уымӕн ӕмӕ базыдтам: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕлдариуӕг кӕны уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр, уӕле дӕр ӕмӕ дӕле дӕр.


Ноджы ма Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕг нын уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй радта, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы ризынц ӕрмӕст нӕ койӕ дӕр».


ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.


Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.


Саулы бӕрӕгдзаутӕ Бениамины Гевӕйӕ уыдтой, филистимӕгтӕ фыр адӕргӕй куыд схъомпал сты, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ