9 Мысырӕгтӕ — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ барджытӕ, йе ’ппӕт ӕфсад — абырстой сӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ денджызы былгӕрон, Баал-Цефонмӕ ӕввахс, Пи-Хахироты цур баййӕфтой.
Ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕрдтыл ӕрзилын кодта, ӕдзӕрӕг быдырыл сӕ акодта Сырх денджызы ’рдӕм. Израилӕгтӕ рӕнхъыстадӕй рацыдыстты Мысыры зӕххӕй.
«Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхой ӕмӕ рӕсӕнуат скӕной Пи-Хахироты цур, Мигдол ӕмӕ денджызы ’хсӕн. Баал-Цефонмӕ ӕввахс-иу денджызы был ӕрӕнцайут.
„Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. — Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон! Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“
Етамӕй рараст сты ӕмӕ, Баал-Цефоны раз чи ис, уыцы Пи-Хахиротмӕ баздӕхтысты ӕмӕ Мигдолы раз скодтой рӕсӕнуат.
Ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты ракодтон Мысырӕй. Мысырӕгтӕ — тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ барӕг ӕфсад — фӕдисы рацыдысты ӕмӕ сӕ суанг Сырх денджызы онг фӕсте сырдтой.