Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 14:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Афтӕ Дунедарӕг уыцы бон израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ денджызы был мысырӕгты мӕрдтӕ куы федтой,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 14:30
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта Езекиа ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Ассирийы паддзах Санхерибы къухӕй. Сӕ иннӕ знӕгтӕй дӕр сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.


Иннӕтӕ та саудалынджы, мӕрдон тары бадтысты ӕмӕ се ’фсӕн хъадаманты бын удхарӕй мардысты,


Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!


Ды — мӕ хъару, ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл; Ды — мӕ ныфсы мӕсыг.


Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, филистимӕгты зӕххыл айзӕлдзӕни Мӕ цины хъӕр!»


Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау рӕзынц, ӕнӕхуыцӕуттӕ дидинӕг калынц, фӕлӕ уыдон фесӕфдзысты мыггагмӕ.


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагзамантӕ, Моисейы хабӕрттӕ, ӕмӕ ныдздзынӕзтам: «Денджызы хуылфӕй нӕ Йӕ адӕмы фыййауимӕ Чи ракодта, Уый цы фӕцис? Кӕм ис, Моисейы Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта,


Афтӕ зӕгъы: «Адон Мӕхи адӕм сты, сайын чи нӕ зоны, ахӕм сывӕллӕттӕ». Ӕмӕ Дунедарӕг у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг.


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.


Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Сымах ӕфхӕрдтой мысырӕгтӕ, аморӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ,


Фӕлӕ Саул загъта: «Ацы бон никӕй хъӕуы марын — абон Дунедарӕг уӕлахиз радта Израилӕн».


Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ