29 Ныр израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. Сӕ рахизфарс уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис, сӕ галиуфарс дӕр уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис.
Илийа йӕ пӕлӕз раласта, стыхта йӕ, дон дзы ӕрцавта, ӕмӕ дон ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм куы алӕууыд, уӕд Елисеимӕ, сур зӕххыл цӕуӕгау, фаллаг фарсмӕ бахызтысты.
Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.
Уымӕн ӕмӕ Уый дойныгӕнӕг удтӕн суагъта сӕ дойны, хӕрзтӕй бафсӕста ӕххормӕгты зӕрдӕтӕ.
Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг — кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм, стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!
Израилӕгтӕ сурыл сӕ фӕндаг дардтой. Дон сисау цӕхгӕр лӕууыди сӕ рахизфарс дӕр ӕмӕ сӕ галиуфарс дӕр.
Фараоны тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынтӕ денджызмӕ куы бахызтысты, уӕд сӕ Дунедарӕг фӕдӕлдон кодта, израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау.
Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ, хъен слӕууыдысты сисау, сурзӕхх фестади хуыдым.
Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕни Мысыры скӕнсӕнварс денджызы донбакӕлӕн, Йӕ къух сисдзӕн Евфраты донмӕ дӕр, ахӕм тыхджын дымгӕ йыл рауадздзӕн, ӕмӕ йӕ авд суадоны фестын кӕндзӕн, цӕхгӕрмӕ сыл тӕнӕг дзабырты хиздзысты.
Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.
Басур кодтай денджыз, йӕ бынты йын, йе ’рфыты, айгӕрстай фӕндаг, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн.
Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый.
афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.