Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 14:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 14:28
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.


Дон ӕфсӕрста ӕмӕ тынг сбирӕ ис зӕххыл, ӕмӕ нау цыди доныл.


Иудейӕгтӕ уӕлкъуыбырмӕ куы схӕццӕ сты, ӕдзӕрӕг быдырыл афӕлгӕсӕн кӕцӕй уыдис, уырдӕм, уӕд дзы, сӕ фыдгулты мӕрдты йеддӕмӕ, ницыуал федтой. Иунӕг дӕр дзы нал аирвӕзт.


Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.


Ӕрхӕссӕнт Ын арфӕйы нывӕндтӕ, цинӕй райгӕйӕ Йын ӕппӕлӕнт Йӕ хъуыддӕгтӕй!


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.


Фараоны тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынтӕ денджызмӕ куы бахызтысты, уӕд сӕ Дунедарӕг фӕдӕлдон кодта, израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау.


Ды рацыдтӕ Дӕ адӕмы, Дӕ байсӕрст паддзахы фервӕзын кӕнынмӕ. Фыдгӕнджытӕн сӕ балхоны ныммардтай, йӕ хӕдзар ын йӕ бындуры онг ныппырх кодтай.


Мысыры ӕфсад уӕ фӕсте куы расырдта, уӕд сӕ ӕд бӕхтӕ ӕмӕ ӕд уӕрдӕттӕ Сырх денджызы куыд фӕдӕлдон ӕмӕ куыд бабын кодта, уыдӕттӕ; абоны онг сӕ кой дӕр нал ис.


Сур зӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты.


Барак ын йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстонты суанг Харошет-Гоимы онг фӕсырдта. Сисерайы хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фесты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзти.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ