27 Моисей денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ боныцъӕхтӕм дон йӕ бынат ссардта. Мысырӕгтӕ лидзгӕ-лидзын уылӕнты амӕттаг баисты — Дунедарӕг сӕ фӕдӕлдон кодта.
Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.
уымӕн ӕмӕ сӕхи атигъ кодтой Хуыцауы ныхӕстыл, Иууылбӕрзонды уынаффӕтӕ ницӕмӕ ’рдардтой.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм галтӕрӕн ехсӕй февзиддзӕн ӕмӕ, кӕддӕр Сынты Къӕдзӕхы цур мидианӕгты куыд ныддӕрӕн кодта, афтӕ адоныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн. Денджызмӕ февзиддзӕни Йӕ лӕдзӕгӕй, кӕддӕр Мысырмӕ куыд февзыста, афтӕ.
Мысыры ӕфсад уӕ фӕсте куы расырдта, уӕд сӕ ӕд бӕхтӕ ӕмӕ ӕд уӕрдӕттӕ Сырх денджызы куыд фӕдӕлдон ӕмӕ куыд бабын кодта, уыдӕттӕ; абоны онг сӕ кой дӕр нал ис.
Сур зӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты.
Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ ӕххуысмӕ куы скуывтой, уӕд Ӕз сымахӕй мысырӕгты ’хсӕн дуне ныттар кодтон, мысырӕгтӕм денджызы уылӕнтӕ сарӕзтон, ӕмӕ сӕ быны фесты. Уӕхи цӕстӕй федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цы бакодтон, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ сымах дзӕвгар рӕстӕг фӕцардыстут ӕдзӕрӕг быдыры.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ куыддӕр Иорданӕй рахызтысты ӕмӕ былгӕрон сурыл ӕрлӕууыдысты, афтӕ Иордан йӕ донвӕдыл агуылф ласта ӕмӕ раздӕрау йӕ былтӕй акалди.