Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 14:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 14:25
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бӕстӕйы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны цӕрджыты стыр тас бацыди, Дунедарӕг Израилы фыдгулты ныхмӕ Йӕхӕдӕг хӕцыд, уый куы фехъуыстой, уӕд.


Ӕркастӕн сӕм ӕмӕ сын сӕ номдзыддӕртӕн ӕмӕ сӕ хицӕуттӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн загътон: «Ма тӕрсут фыдгулӕй! Рох уӕ ма уӕд цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг Дунедарӕг, афтӕмӕй схӕцут уе ’фсымӕртӕ, уӕ лӕппутӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ устытӕ ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты сӕраппонд!»


Уыцы хабар нӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, нӕ алыварс адӕмтӕ йӕ иууылдӕр сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд сӕхимӕ ӕгад ӕркастысты: бамбӕрстой, хъуыддаг нӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй сӕнтысти, уый.


Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.


Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».


Ӕфсӕн цыргъагӕй куы аирвӕза — ӕрхуы фат ӕй баййафдзӕн.


Йӕхи йыл ӕгъатырӕй ныццӕвдзӕн, ӕмӕ дзы уый фӕдисонау лидздзӕн.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды конд.


Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!


Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, ӕмӕ мӕ ӕмбисондӕн хӕссынц.


Раздӕры бонтыл, ивгъуыд азтыл сагъӕс кӕнын.


Ӕрсабыр ут! Уӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы семӕ!»


Мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый, фараонӕн йӕхиуыл дӕр, йӕ тохуӕрдӕттыл дӕр ӕмӕ йӕ бӕхджынтыл дӕр Мӕ хъомыс куы бавзарон, уӕд!»


Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.


Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном!


Дунедарӕг мын загъта: «Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы, суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд, ацы хохы сӕрвӕлтау.


Бӕхӕй, бӕхджынӕй, уӕрдонӕй, бӕхтӕрӕгӕй, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕронд лӕгӕй, сывӕллонӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй — дӕуӕй-иу сӕ ныддӕрӕн кодтон.


Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.


Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.


Ӕз федтон Дунедарӕджы. Уый лӕууыди нывондхӕссӕныл ӕмӕ загъта: «Цӕджындзы сӕр ныццӕв, къӕсӕртӕ куыд сӕнкъуысой, афтӕ, уадз ӕмӕ Кувӕндон адӕмыл ныккӕла. Чи ма дзы аирвӕза, уыдоны кардӕй ныццӕгъддзынӕн, иунӕг дӕр дзы нӕ алидздзӕн, ничи фервӕздзӕн.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ.


Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс“.


Сӕ хъахъхъӕнӕг нӕ Хъахъхъӕнӕджы хуызӕн кӕй нӕу, уымӕн не знӕгтӕ сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн!


Уыцы бон куыд байхъуыста Дунедарӕг адӕймаджы курдиатмӕ, афтӕ йӕм уымӕй размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр никуы байхъуыста. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд израилӕгты сӕрыл.


Уыцы рӕстӕг Дунедарӕг Сисерайы катайы бацӕуын кодта. Йӕ хӕстонтыл дӕр ӕмӕ, тохуӕрдӕтты чи бадти, уыдоныл дӕр, Барак куы фӕзынди, уӕд карды цӕфӕй амӕлыны тӕссӕй ризӕг бахӕцыди. Сисера та тохуӕрдонӕй рагӕпп ласта ӕмӕ лидзӕг фӕцис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ