24 Боныцъӕхтыл Дунедарӕг арты цӕджындз ӕмӕ мигъы цӕджындзӕй ракасти Мысыры ӕфсадмӕ, ӕмӕ уыдон фыр тӕссӕй барызтысты.
Ды зӕгъдзынӕ: „Хуыцау цы зоны? Саудалынджы цы хъуамӕ равзара?
Ӕваст ӕрбамӕлынц адӕм ӕхсӕвы тары, зӕрдӕнкъусӕг цӕфӕй сӕ кӕрон ӕрцӕуы; кӕйдӕр къухӕй нӕ бабын вӕййы хъомысджын.
Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,
Йӕ къӕдзил кедры зӕнгау — фидар, йӕ синты нуӕрттӕ стыхстысты кӕрӕдзиуыл.
Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.
Мӕ хъус ӕрдардзынӕн фӕсномыг ныхасмӕ, хъисфӕндыры зӕлтӕм уыци-уыци райхалдзынӕн.
Йӕ базыры бын дӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дын тас ницӕмӕй уыдзӕн. Йӕ иузӕрдиондзинад — дӕ сис ӕмӕ дӕ уарт.
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕндагамонӕг сӕ разӕй цыди: боныгон — мигъы цӕджындзы хуызы, ӕхсӕвыгон та, рухсгӕнгӕ, — арты цӕджындзы хуызы, цӕмӕй сӕ фӕндагыл ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр къуылымпы ма кӕной.
Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».
Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».
Дыккаг райсом Саул адӕмы фӕдих кодта ӕртӕ къордыл, ӕмӕ уыдон сӕумӕйӕ знаджы рӕсӕнуаты смидӕг сты. Сихорафонмӕ дӕрӕн кодтой аммонӕгты. Чи ма сӕ аирвӕзти удӕгасӕй, уыдон фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты, дыууӕ лӕджы дӕр дзы нал аззад иумӕ.