23 Мысырӕгтӕ дӕр — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ бӕхджынтӕ — денджызы астӕуты сурыл атындзыдтой израилӕгты фӕстӕ.
Дунедарӕг сӕ бафарста: „Ахавы уӕ чи самидин кӕндзӕн галаадаг Рамотмӕ бабырсын, цӕмӕй уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ сӕ иумӕ иу уынаффӕ уыд, иннӕмӕ та — ӕндӕр.
Мысырӕгтӕ Мӕ фӕндӕй уӕддӕр сӕ хиваст зонд нӕ ныууадздзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл агуылф кӕндзысты. Уыйадыл фараоны Мӕ азар баййафдзӕн — ӕд ӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ, ӕд бӕхджынтӕ.
Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
Фараоны тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынтӕ денджызмӕ куы бахызтысты, уӕд сӕ Дунедарӕг фӕдӕлдон кодта, израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау.
„Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. — Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон! Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“
Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.