Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 14:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Моисейӕн бустӕ кодтой: «Мысыры нын баныгӕнӕн нӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ мӕлынмӕ куынӕ ракодтаис, уӕд? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 14:11
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израил сын афтӕ: «Ахӕм хъизӕмар мын цӕй тыххӕй ӕвзарын кӕнут? Цӕмӕн схъӕр кодтат уыцы лӕгӕн, ӕфсымӕр ма уын ис, уый?»


Фараон израилӕгты куы рауагъта, уӕд сӕ Хуыцау филистимӕгты зӕххы уылты нӕ акодта, кӕд уыцы фӕндаг цыбырдӕр уыди, уӕддӕр. Загъта: «Хӕцын сӕ бахъӕудзӕн, уый куы феной, уӕд фӕфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты Мысырмӕ».


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».


«О Бардарӕг! — сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ. — Ацы адӕмы удхарӕй цӕмӕн марыс? Ардӕм мӕ цӕмӕн рарвыстай?


Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.


Кӕд мын Дӕ цӕст ӕндӕр ницы уарзы, уӕд мын фӕлтау уыцы хорзӕх ракӕн, ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ хъизӕмарӕй фервӕзон».


Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,


Дыккаг бон дзыллӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сыстадысты. Азымджын сӕ кодтой израилӕгтӕ: «Сымах Дунедарӕджы ӕвзӕрст адӕмы амардтат!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ