46 Дзидза хӕрын хъӕуы, кусарт кӕм акодтой, уым. Ӕддӕмӕ дзы мацы рахӕссут, йе стджытӕ дӕр ын ма асӕттут.
Фидыды кой сӕм нӕй, зӕххыл сабырӕй чи цӕры, уыдоны ныхмӕ аразынц фыдвӕндтӕ.
Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, дзурынц: «Ӕ-гъа! Уый дын нӕхи цӕстӕй кӕй федтам!»
Райсоммӕ дзы мацыуал ныууадзӕд ӕмӕ йын йе стджытӕй мацы асӕттӕд: Куадзӕны фӕтк хъуамӕ мацӕмӕй фехала.
Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ Йӕ мардӕй куы федтой, уӕд Ын Йӕ зӕнгтӕ нал асастой.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа Сыгъдӕг Фыст: «Йӕ иу стӕг дӕр нӕ асӕтдзӕн».
Буар иу у, йӕ уӕнгтӕ та — бирӕ. Фӕлӕ кӕд бирӕ сты, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр иу буар сты. Афтӕ у Чырысти дӕр.