Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 12:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Дунедарӕг сӕ Мысырӕй цы ӕхсӕв ракодта, уыцы ӕхсӕв сӕм иудадзыг йӕ хъус дардта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ израилӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Дунедарӕджы кадӕн бӕрӕг кӕнынц уыцы ӕхсӕв.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 12:42
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.


Алы аз дӕр нысангонд бонты ӕххӕст кӕнут ацы уагӕвӕрд».


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы-иу хӕрут донгонд дзултӕ, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы, нысангонд бонты, уымӕн ӕмӕ авивы мӕйы рацыдыстут Мысырӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ