40 Израилӕгтӕ Мысыры фӕцардысты цыппарсӕдӕ ӕртын азы.
Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.
Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».
Цӕугӕ уӕдӕ — Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ: Мӕ адӕмы Мын, израилӕгты, Мысырӕй ракӕн».
Израилаг адӕмы Хуыцау, нӕ Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ, израилӕгтӕ ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй Йӕ хъомысджын къухӕй рахуыдта.
Хуыцау ын загъта: „Дӕ байзӕддӕгтӕ цыппарсӕдӕ азы кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ цагъартӕ уыдзысты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафдзысты.
Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл ӕрбынат кодта ӕмӕ, ӕндӕрбӕстаг куыд вӕййы, афтӕ цатырты цардис Исаак ӕмӕ Йаковимӕ — уыдонӕн дӕр уыцы зӕххӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд.