Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 12:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Мысырӕй цы хыссӕ рахастой, уымӕй афыхтой донгонд дзултӕ. Хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй сургӕ ракодтой, ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ хӕринаг сцӕттӕ кӕныны бон нал фӕци.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 12:39
5 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ног бӕллӕх бафтаудзынӕн фараон ӕмӕ мысырӕгтыл, ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ фараон ауадздзӕн ардыгӕй. Уыимӕ уӕ хуымӕтӕджы уагъд нӕ ракӕндзӕн, фӕлӕ уӕ асурдзӕн ӕвӕстиатӕй.


Цы гӕнӕн ма уыд израилӕгтӕн, хыссӕ нӕма сӕнхъызт, афтӕмӕй алчи йӕ хыссӕйы арынг йӕ уӕлӕфтауы атыхта ӕмӕ йӕ йе ’ккой акодта.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».


Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ