Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 12:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Рамсесӕй Суккотмӕ фистӕгӕй чи араст ис, уыдон, сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ мин лӕджы бӕрц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 12:37
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».


Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Йосеф, фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры хуыздӕр зӕххыл, Рамсесы. Уым сын радта зӕххы хӕйттӕ.


Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес.


Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».


Израилӕгтӕ рацыдысты Суккотӕй ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон, Етамы.


Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.


«Израилы дзыллӕйы мыггаггай, хӕдзаргай банымайут — нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр номхуындӕй.


уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.


Моисей загъта: «Ам, мемӕ, фистӕг хӕстонтӕ ӕхсӕзсӕдӕ мины ис, Ды та афтӕ зӕгъыс, мӕйваг сын фыдызгъӕл ратдзынӕн, зӕгъгӕ.


Уый — хӕдзарвӕндаггай израилӕгты сфыстмӕ чи бахауд, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй се ’фсады, алы къорд дӕр хынцгӕйӕ, уыдис ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.


Израилӕгтӕй нымад чи ӕрцыд, уыдоны нымӕц — ӕхсӕсӕдӕ иу мин авдсӕдӕ ӕртын.


Рамсесӕй рараст сты фыццаг мӕйы фынддӕсӕм бон; Куадзӕны нывонд куы ӕрхастой, уымӕн йӕ дыккаг бон рацыдысты израилӕгтӕ бӕрзонд къухдариуӕджы бын ӕппӕт мысырӕгты цӕсты раз,


Рараст сты израилӕгтӕ Рамсесӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Суккоты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ