36 Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм хӕлар цӕстӕй ракастысты ӕмӕ сын, цы куырдтой, уый лӕвӕрдтой. Израилӕгтӕ Мысырӕй рацыдысты стыр ӕфтиагимӕ.
Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ.
Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.
Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ.
Дӕлимонтӕн нывондӕн хастой сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты;
Адӕмӕн сӕ хъусы бацӕгъд, алы нӕлгоймаг дӕр уӕ, зӕгъ, йӕ сыхаг мысыраг нӕлгоймагӕй, алы сылгоймаг та йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй, ракурӕд ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ».
Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм ракастысты хӕлар цӕстӕй. Уӕдӕ Моисейӕн та стыр кад уыдис фараоны дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры хуымӕтӕг адӕмы ’хсӕн.
Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.
Хуыцауы фӕрцы лӕггадгӕнджыты хистӕр Даниилмӕ хорз зӕрдӕ дардта, уарзта йӕ,
Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Бардарӕг Йесо та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, ӕрвыста сӕм, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.
ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.