Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 12:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурты дӕр, куыд дзырдтат, афтӕ уӕ разӕй атӕрут ӕмӕ Дзы Йӕ хорзӕх мӕнӕн дӕр ракурут».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 12:32
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ.


Исав йӕ фыды ныхас куы фехъуыста, уӕд тынг ныууынӕргъыдта. Бахатыд ӕм: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!»


Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта.


Уыдон та Уӕларвон Хуыцауӕн ӕхцон нывонд хӕссӕнт ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ фыртты цӕрӕнбон ӕмӕ хорздзинадӕн кувӕнт.


Нӕ фос иу сӕры онг иууылдӕр хъуамӕ немӕ уой. Уыдонӕй хъуамӕ равзарӕм нывондӕгтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн. Цалынмӕ бынатыл сӕмбӕлӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, нывондӕн дзы кӕцы ӕрхӕссын ӕмбӕлы, уый».


Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».


Фараон загъта: «Ӕз уӕ уадзын Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ, ӕцӕг дард ма ацӕут. Скувут-иу Ӕм мӕн тыххӕй дӕр!»


Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ