Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 12:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Раст уыцы ӕхсӕв фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Сыстут мӕ адӕмы ’хсӕнӕй, сымах дӕр ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр, ӕмӕ, куыд дзырдтат, афтӕ цӕут ӕмӕ Дунедарӕгӕн бакувут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 12:31
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ныккалдтой-иу ӕнаххос туг — сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты туг. Нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи кодтой тугӕй.


Моисей йын загъта: «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал фендзынӕн».


Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ног бӕллӕх бафтаудзынӕн фараон ӕмӕ мысырӕгтыл, ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ фараон ауадздзӕн ардыгӕй. Уыимӕ уӕ хуымӕтӕджы уагъд нӕ ракӕндзӕн, фӕлӕ уӕ асурдзӕн ӕвӕстиатӕй.


Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.


Мысырӕй цы хыссӕ рахастой, уымӕй афыхтой донгонд дзултӕ. Хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй сургӕ ракодтой, ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ хӕринаг сцӕттӕ кӕныны бон нал фӕци.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».


Уӕд фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн мах зӕххыл ӕрхӕссут нывӕндтӕ».


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


Цӕмӕн стут Мысыры адӕм ӕмӕ фараоны хуызӕн хиваст? Израилы Хуыцау сыл Йӕ хъару куы бавзӕрста, уӕд уыдон дзуттӕгты куы ауагътой!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ