3 Израилы дзыллӕйӕн фехъусын кӕнут, йӕ дӕсӕм бон уӕ алы хӕдзар дӕр йӕ лыстӕг фосӕй иу уӕрыкк рахицӕн кӕнӕд, зӕгъгӕ.
Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.
Авел та — йӕ дзуджы фыццаг уӕрыччыты фиуӕй. Ӕмӕ Дунедарӕг айста Авелы нывонд,
Паддзах Иосиа, адӕмӕй уым чи уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Куадзӕны номыл йӕ исбонӕй рауӕлдай кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин уӕрыччы ӕмӕ сӕныччы, стӕй ӕртӕ мин стуры.
«Ацы мӕй уын хъуамӕ афӕдзы фыццаг мӕйыл нымад уа.
Моисей басидт Израилы адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Алы бинонтӕ дӕр сӕ лыстӕг фосӕй равзарӕнт фыркъа кӕнӕ цӕукъа ӕмӕ акӕнут Куадзӕны кусӕрттӕ.
Гыццыл бинонтӕ куы уой ӕмӕ сын уӕрыкк иу хӕрдӕн бирӕ куы уа, уӕд-иу ӕй ӕввахсдӕр сыхагимӕ иумӕ бахӕрӕнт. Цал лӕджы фаг суыдзӕн, уый-иу сбӕрӕг кӕнӕнт.
Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕуыл Мӕм дзыназыс? Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ сӕ размӕ цӕуой!
Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм».
Аарон сын рафӕзмыдта, Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ. Моисей сын диссӕгтӕ равдыста,
Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.
Нӕ ахасты дыууын фӕндзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Йерусалимы ныппырхыл цыппӕрдӕс азы куы рацыд, тӕккӕ уыцы бон мыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд ӕмӕ мӕ ахаста уырдӕм.
«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕгӕн уӕ йӕ фосӕй нывондӕн чи цы хӕсса, стур уа ӕви лыстӕг фос, уый йӕхи бар у.
Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.
Афтӕ кӕнын уын ӕмбӕлы кӕддӕриддӕр, нывондӕн куы хӕссат гал кӕнӕ фыр, уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк.
Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.
Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».
Куадзӕнмӕ ма ӕхсӕз боны уыди, афтӕ Йесо ӕрбацыди Вифанимӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры хӕдзармӕ.
Дыккаг бон, бӕрӕгбонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдон фехъуыстой, Йесо Йерусалиммӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ.
Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд.
Райсом Мӕм, зӕгъ, хӕдзарвӕндаггай ӕрбацӕут. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы хӕдзарвӕндаг ӕрбалӕууӕд мыггаггай. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы мыггаг ӕрбалӕууӕд хӕдзаргай. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы бинонтӕ ӕрбалӕууӕнт иугай.
Ӕмӕ йӕм бакувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр.
Самуел райста, нырма фӕдӕгӕй иртӕст чи нӕма уыд, ахӕм уӕрыкк ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста. Израилы тыххӕй Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ куывд айста.