Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 12:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 уӕд-иу сын зӕгъут: „Уый Дунедарӕгӕн у Куадзӕны нывонд. Дунедарӕг мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилӕгты хӕдзӕрттӕн сӕ иувӕрсты рацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты фыдбылызӕй бахызта“». Израилӕгтӕ Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодтой ӕмӕ Йӕм скуывтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 12:27
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид басидт ӕппӕт адӕммӕ дӕр: «Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕм раарфӕ кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ныддӕлгом сты Дунедарӕджы раз ӕмӕ паддзахы раз.


Иосафат ныддӕлгом ис Дунедарӕджы раз, иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр иууылдӕр зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын бакуывтой.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Езра Стыр Хуыцауӕн, Дунедарӕгӕн, раарфӕ кодта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр, аммен, аммен, зӕгъгӕ, сӕ къухтӕ уӕлӕмӕ сдардтой. Уый фӕстӕ сӕ сӕртӕ ӕркъул кодтой, кувгӕ-кувын зӕххыл ныддӕлгом сты.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.


О Дунедарӕг, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Артау кӕдмӕ судздзӕн Дӕ маст?


Цӕмӕй дзурат уӕ фырттӕ ӕмӕ уыдоны фырттӕн, Ӕз Мысырӕн цытӕ бакодтон, цы диссӕгтӕ дзы равдыстон, уый. Цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Чи у, уый».


Хӕрут ронбастӕй, уӕ къахыдарӕс — уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ — уӕ къухы, афтӕмӕй. Хӕрут-иу тагъд-тагъд — уый Дунедарӕджы Куадзӕн у.


Дунедарӕг Мысырыл Йӕ азар бафтауынмӕ куы рацӕуа ӕмӕ уын уӕ уӕлкъӕсӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрвӕзтыл туг куы фена, уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕды нӕ бауадздзӕн уӕ хӕдзӕрттӕм бацӕуын, цӕмӕй уӕ ма амара.


Уый фӕстӕ ацыдысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Уыцы бон-иу уӕ фырттӕн зӕгъут: „Дунедарӕг нӕ Мысырӕй куы ракодта, уӕд нын цы хӕрзты бацыд, уый кадӕн ӕххӕст кӕнӕм ацы уагӕвӕрд“.


Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.


Уыцы ныхӕстӕм Моисей зӕххыл ныддӕлгом ис Хуыцауы раз


ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой.


Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд.


Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй уын иуы дӕр нӕй Куадзӕны нывонд акусарт кӕнӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ