26 Уӕ цот уӕ куы фӕрсой, уый цы ӕгъдау у, зӕгъгӕ,
Уый йӕ уд сисы ӕмӕ сыджытыл бафты, уыцы бон йемӕ ӕрбайсӕфынц йе ’ппӕт фӕндтӕ.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.
Цӕмӕй дзурат уӕ фырттӕ ӕмӕ уыдоны фырттӕн, Ӕз Мысырӕн цытӕ бакодтон, цы диссӕгтӕ дзы равдыстон, уый. Цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Чи у, уый».
Дунедарӕг уын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд-иу ӕй ӕххӕст кӕнут.
Адӕмӕн боныгон мигъы цӕджындз уыди семӕ, ӕхсӕвыгон — арты цӕджындз.
Ӕрмӕстдӕр ӕгас чи у, уый Дын скӕндзӕни кад мӕнӕ мӕнау абон. Фыд дзурдзӕн йӕ цотӕн, цӕмӕй Дыл фӕдзӕхсой сӕхи.
Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.
Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут хӕдзары дӕр ӕмӕ фӕндагыл дӕр, ӕхсӕв ӕрхуысгӕйӕ дӕр ӕмӕ райсомӕй растгӕйӕ дӕр.
Ӕрхъуыды-ма кӕн рагзамантӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕ. Бафӕрс-ма дӕ фыды, ӕмӕ дын ракӕндзӕн сӕ кой; уӕ зӕрӕдты-ма бафӕрс, ӕмӕ дын радзурдзысты уыдон.
Сомбон уӕ куы фӕрсой уӕ цот, Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, сымахӕн цы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ лӕвӕрд ис, уыдоны нысаниуӕгӕй,
Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут, хӕдзары бадгӕйӕ ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, хуыссӕны ӕрхуысгӕйӕ ӕмӕ хуыссӕнӕй растгӕйӕ.