24 Ацы уагӕвӕрд мыггагмӕйы ӕгъдау уӕд сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддагӕн дӕр.
Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
Алы аз дӕр кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ, ӕфсадау, рӕнхъгай слӕууын кӕнгӕйӕ, Ӕз уыцы бон ракодтон Мысырӕй. Уыцы бон бӕрӕг кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
Дунедарӕг уын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд-иу ӕй ӕххӕст кӕнут.
Алы аз дӕр нысангонд бонты ӕххӕст кӕнут ацы уагӕвӕрд».
Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон: