18 Фыццаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон изӕрӕй йӕ дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ хӕрат.
Авд боны дӕргъы хъуамӕ хӕрат донгонд дзултӕ. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыннӕ уа, афтӕ бакӕнут. Уыцы авд боны дӕргъы ӕнхъизӕнджын дзулӕй чи фӕхъӕстӕ уа, уый Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм Дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»
Израилӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуаты бафӕстиат сты ӕмӕ Куадзӕн скодтой мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, изӕрӕй, Йерихоны дӕлвӕзы.