4 Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын тӕккӕ райсом дӕ бӕстӕ мӕтыхты хай бакӕндзынӕн.
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма Мын нӕ уисӕн кӕндзынӕ? Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.
Уый бӕрц уыдзысты, ӕмӕ ӕрӕмбӕрздзысты зӕххы уӕлцъар, зӕхх сӕ бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕн. Ихуарды фӕстӕ ма йыл зайӕгойӕ цы аззад, уыдонӕй ницыуал фӕуадздзысты, уӕ бӕлӕстӕ дӕр ма уын ахсындзысты.
Ӕз дын загътон, рауадз Мын Мӕ фырты, ӕмӕ Мӕм бакува. Ды йӕ нӕ рауагътай, ӕмӕ дын Ӕз дӕ хистӕр фырты амардзынӕн“».
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“».
«Райсоммӕ!» — загъта фараон. «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн, — дзуапп ын радта Моисей. — Цӕмӕй базонай, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕй нӕй, уый.
Мӕ адӕмы Ӕз бахиздзынӕн фыдбылызӕй, дӕ адӕмы та — нӕ. Ацы хабар ӕрцӕудзӕни райсом“».
Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн.
Ацы ӕфхӕрдӕн Дунедарӕг ӕмгъуыд дӕр скодта: «Райсом Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн ӕппӕт бӕстӕйы!»
мӕтыхтӕн паддзах нӕй, фӕлӕ размӕ рӕнхъгай цӕуынц;
Мӕтыхтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕй, Ӕз уӕм кӕй арвыстон, уыцы стыр ӕфсад цы азты бӕркад бахордта, уый уын Ӕз баххӕст кӕндзынӕн.
Бирӕ мыггаг байтаудзыстут быдыры, фӕлӕ дзы хор бирӕ нӕ сисдзыстут — мӕтыхтӕ йӕ аныхъуырдзысты.
Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон къӕдздымты тых.