27 Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та йӕ нӕ бафӕндыд адӕмы ауадзын.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ. Мӕ фӕндӕй фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕтӕ ныддур сты. Ӕз сын афтӕ уымӕн бакодтон, цӕмӕй сыл Мӕ диссӕгтӕ бавзарон.
Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та нӕ рауагъта израилӕгты.
Бирӕ диссӕгтӕ фенын кодтой фараонӕн Моисей ӕмӕ Аарон, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй уый уӕддӕр нӕ састи ӕмӕ нӕ уагъта израилӕгты Мысырӕй.
Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
Дунедарӕг бакодта афтӕ, ӕмӕ Мысыры паддзах хивастӕй израилӕгты фӕсте расырдта, уыдон та ӕдӕрсгӕ цыдысты сӕ фӕндагыл.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.
Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх ӕмӕ схивӕнд кӕны, кӕй Йӕ бафӕнды, уыдоны.
Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не ’рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын.