Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 10:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Нӕ фос иу сӕры онг иууылдӕр хъуамӕ немӕ уой. Уыдонӕй хъуамӕ равзарӕм нывондӕгтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн. Цалынмӕ бынатыл сӕмбӕлӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, нывондӕн дзы кӕцы ӕрхӕссын ӕмбӕлы, уый».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 10:26
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Моисей йын загъта: «Нӕ фос нын немӕ куынӕ рауадзай, уӕд куыд ӕрхӕсдзыстӕм мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ?


Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».


Уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурты дӕр, куыд дзырдтат, афтӕ уӕ разӕй атӕрут ӕмӕ Дзы Йӕ хорзӕх мӕнӕн дӕр ракурут».


Мах хъуамӕ ӕртӕ бонцауы бӕрц фӕцӕуӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ уыцы ран ӕрхӕссӕм нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, — Уый нын Йӕхӕдӕг куыд зӕгъа, афтӕ».


Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,


Фӕлӕ ныр йӕ сӕудӕджеры бакуыст, йе ’фтиаг нывонд кӕндзӕни Дунедарӕгӕн. Къӕбицтӕ ӕмӕ йӕ ӕфтауцуӕттӕм не ’мбырд кӕндзысты, фӕлӕ йӕ дӕтдзысты, Дунедарӕджы раз аргъуыцгӕнгӕ чи цӕры, уыдонӕн, цӕмӕй сӕхи ӕфсадой ӕмӕ цӕуой зынаргъ дарӕсы.


Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни.


Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты.


Ӕнхъӕл куыд уыдыстӕм, уымӕй ноджы стырдӕр ӕххуыс бакодтой! Сӕхи уал раздӕр Бардарӕгӕн радтой, стӕй та, Хуыцауы фӕндӕй, махӕн.


Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕм ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕд, кӕдӕм цӕуы, уый бӕлвырд нӕ зыдта, уӕддӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ