Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 10:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Моисей йын загъта: «Нӕ фос нын немӕ куынӕ рауадзай, уӕд куыд ӕрхӕсдзыстӕм мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 10:25
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ.


Фараон Моисеймӕ басидт ӕмӕ йын афтӕ: «Ацӕут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ бакувут. Уӕ сабитӕ дӕр ацӕуӕнт уемӕ, фӕлӕ уӕ лыстӕг фос ӕмӕ уе стуртӕ ам уадзут».


Нӕ фос иу сӕры онг иууылдӕр хъуамӕ немӕ уой. Уыдонӕй хъуамӕ равзарӕм нывондӕгтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн. Цалынмӕ бынатыл сӕмбӕлӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, нывондӕн дзы кӕцы ӕрхӕссын ӕмбӕлы, уый».


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


Дунедарӕджы номыл йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый Аарон ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн.


Аарон нывӕндтӕ куы ӕрхаста — тӕригъӕды нывонд, иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывонд — уӕд йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ дӕлӕмӕ ӕрцыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ