17 Ныббарут-ма мын ацы хатт ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, цӕмӕй нӕ ацы бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна».
Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа». Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.
Хъӕрмхуыппӕй куыддӕр сахуыстой, афтӕ хъӕрахст самадтой: «Хуыцауы минӕвар, марг ис аджы!» Хӕрӕн ын нӕ уыди хъӕрмхуыппӕн.
Фараон загъта: «Ӕз уӕ уадзын Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ, ӕцӕг дард ма ацӕут. Скувут-иу Ӕм мӕн тыххӕй дӕр!»
Галхӕфсытӕй акъахдзӕфгӕнӕн нал уыдзӕн дӕхицӕн дӕр, дӕ адӕмӕн дӕр, дӕ дӕлдӕртӕн дӕр“».
Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
Фараон фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕдджын дӕн ӕз. Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та зылынджын стӕм.
Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».
О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,
Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Бардарӕгмӕ, ӕмӕ, цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».
Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хатырӕй ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы уарзты хатырӕй курын сымахӕй: зӕрдиагӕй мын кувут Хуыцаумӕ,
Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни,
Фӕлӕ мын ныр мӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн, мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувон».