Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 10:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕрӕмбӕрзтой ӕгас зӕххы уӕлцъар, сау хӕрв ыл ӕрӕвӕрдтой. Бахордтой, их кӕй нӕ бахъыгдардта, уыцы зайӕгойтӕ ӕмӕ дыргътӕ. Иунӕг цъӕх тихалӕг нал фӕуагътой Мысыры зӕххыл, иунӕг цъӕх сыфтӕр — бӕлӕстыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 10:15
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй февзид Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл мӕтыхтӕ ныццӕвдзысты сӕхи, бахӕрдзысты, ихы фӕстӕ ма йыл цы зайӕгойтӕ аззад, уыдон».


Уый бӕрц уыдзысты, ӕмӕ ӕрӕмбӕрздзысты зӕххы уӕлцъар, зӕхх сӕ бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕн. Ихуарды фӕстӕ ма йыл зайӕгойӕ цы аззад, уыдонӕй ницыуал фӕуадздзысты, уӕ бӕлӕстӕ дӕр ма уын ахсындзысты.


мӕтыхтӕн паддзах нӕй, фӕлӕ размӕ рӕнхъгай цӕуынц;


Иу бал иннӕйы фӕдыл тӕхынц мӕтыхтӕ. Фыццаг ӕрдонгӕй цы аирвӕзти, уыдон аныхъуырдтой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг балтӕ; уыдонӕй ма цы аирвӕзт, уый та — цыппӕрӕм.


Мӕтыхтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕй, Ӕз уӕм кӕй арвыстон, уыцы стыр ӕфсад цы азты бӕркад бахордта, уый уын Ӕз баххӕст кӕндзынӕн.


Уыдон зӕххыл кӕрдӕджы мур нал ныууагътой, ӕмӕ Йӕм ӕз скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ныххатыр кӕн! Куыд аирвӕздзӕн Йаков? Нырма гыццыл у».


Ӕмӕ Балак минӕвӕрттӕ арвыста Балааммӕ, Беоры фыртмӕ, йӕ райгуырӕн Петормӕ (аммонӕгты зӕххыл ис, Евфраты был), цӕмӕй йын йӕ номӕй зӕгъой: «Иу адӕм рацыди Мысырӕй. Уый бӕрц сты, ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕнынц. Мӕ разы ӕрбынат кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ