Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ. Мӕ фӕндӕй фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕтӕ ныддур сты. Ӕз сын афтӕ уымӕн бакодтон, цӕмӕй сыл Мӕ диссӕгтӕ бавзарон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 10:1
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ уарт — Хуыцау, рӕстзӕрдӕты Ирвӕзынгӕнӕг!


Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та нӕ рауагъта израилӕгты.


Ӕмӕ сӕм уӕд Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ диссӕгты хуызы Мӕ азар бафтаудзынӕн Мысырыл. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕни Мысыры паддзах.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.


уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та уӕддӕр нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.


Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.


Фараон фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕдджын дӕн ӕз. Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та зылынджын стӕм.


«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».


Хуыцау Сыгъдӕг Фысты зӕгъы фараонӕн: «Бӕрзонд бынаты дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл».


Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх ӕмӕ схивӕнд кӕны, кӕй Йӕ бафӕнды, уыдоны.


Уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмты зӕрдӕйы Дунедарӕджы фӕндӕй сабухта хиваст туг ӕмӕ схӕцыдысты Израилы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы номыл ӕгъатырӕй ныццӕгъдой. Дунедарӕг афтӕ фӕдзӕхста Моисейӕн.


Додойаг нӕ сӕртӕ! Уыцы хъомысджын Хуыцауы къухӕй нӕ чи аирвӕзын кӕндзӕн? Уый, мысырӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры Йӕ бӕллӕх Чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцау у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ