20 Израилӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтой. Хуыцау Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта ӕвгъӕдгӕс устыты.
Ӕфсадынц донӕй ӕппӕт быдираг сырдты, хъӕддаг хӕрӕг суадзы йӕ дойны.
Фӕрнджын у фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, рӕдауӕй ӕфстау чи дӕтты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй чи аразы, уый.
Уӕ зӕрды ис адӕймаджы бӕрзондӕй зӕхмӕ фехсын, фӕливын уын ӕхсызгон у. Дзыхы ныхасӕй арфӕтӕ кӕнынц, зӕрдӕйӕ та — ӕлгъитгӕ.
Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг, ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, сыстаудзысты Дӕ ном.
Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас тынгдӕр рӕзти сӕ нымӕц. Мысырӕгтӕ тасы бацыдысты
Ӕвгъӕдгӕстӕ фараонӕн загътой: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕ мысырӕгты хуызӕн не сты. Уыдон хъӕддых сты — ӕвгъӕдгӕс нӕма бахӕццӕ вӕййы, афтӕмӕй сӕ сывӕллон гуырд вӕййы».
Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ хъӕстӕ даргъ-уӕрӕх ацыд — сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты, Мысыры зӕххӕн уӕз кӕнын райдыдтой.
Фыдгӕнӕгӕн йӕ хӕрзиуӕг мӕнг у, рӕстдзинад чи тауы, уый ӕцӕг хӕрзиуӕг райсдзӕнис.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
Тӕригъӕдджын сӕдӕ хатты тӕригъӕд ракӕны, мӕлӕт та йӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ зонын: Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон амондджын уыдзысты.
Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.
Мӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, уый тыххӕй ацы кӕстӕртӕй искӕцыйӕн ӕрмӕст уазал доны къус чи ратта, уый дӕр, ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕни».
Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.
Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.